Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 1:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Исты ӕрхъуыды хъӕуы, цӕмӕй бынтон ма ныббирӕ уой, уый тыххӕй. Науӕд, хӕст райдыдта, зӕгъгӕ, уӕд нӕ фыдгултимӕ баиу уыдзысты, нӕ ныхмӕ ралӕудзысты ӕмӕ сӕхи айсдзысты нӕ бӕстӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 1:10
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕгӕр зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы, хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.


Мӕнӕ фыдгӕнджытӕ айвӕзтой се ’рдын, фат ӕрбавӕрдтой ӕрдынбосыл — талынджы рӕстзӕрдӕты фехсынӕн.


Сӕ цатырты хъуыр-хъуыр кодтой, Хуыцаумӕ нал хъуыстой.


Цыбӕл дӕ кӕндзысты: «Цом немӕ, ӕмӕ ӕнаххосты бахъахъхъӕнӕм, сӕ размӕ бабадӕм, сӕ туг сын ныккалӕм;


Иуӕй-иу фӕндаг адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст».


Куы сбон ис, уӕд иудейӕгтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты.


Уый нӕ адӕмыл цыди хинӕй, ӕфхӕрдта нын нӕ фыдӕлты; сӕ сабиты сын ӕппарын кодта, цӕмӕй сӕфтмӕ ӕрцӕуой.


Филистимӕгтӕ рамӕсты сты Ахишы уыцы ныхӕстӕм ӕмӕ йын загътой: «Арвит фӕстӕмӕ ацы лӕджы. Аздӕхӕд, цы бынат ын снысан кодтай, уырдӕм. Немӕ хӕстмӕ ма цӕуӕд, науӕд хӕсты быдыры нӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн. Йӕ хицауы зӕрдӕ цӕмӕй балхӕндзӕни, мӕнӕ йӕ нӕ адӕмы сӕртӕй куынӕ балхӕна, уӕд?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ