Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Псаломтӕ 86:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Чи Мӕ зоны, уыдонӕн Ӕз Рахав ӕмӕ Вавилоны кой ракӕндзынӕн; филистимӕгтӕ, стӕй Тир ӕмӕ Эфиопийы цӕрджытӕ зӕгъдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Чи Мӕ зоны, уыдонӕн Ӕз Рахав ӕмӕ Вавилоны кой ракӕндзынӕн; филистимӕгтӕ, стӕй Тир ӕмӕ Эфиопийы цӕрджытӕ зӕгъдзысты: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм адӕймаг райгуырди уым.»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Псаломтӕ 86:4
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.


Давиды псалом. О Дунедарӕг, раст тӕрхон мын рахӕсс, — мӕ цардвӕндаг ӕнӕкъӕм уыди Дӕ разы. Ӕз Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ никуы фӕцуддзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ Ды — мӕ сӕрылхӕцӕг, Дӕ базыры бын цин кӕнын.


Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.


Цин кӕнут, цинӕй райут мыггагмӕ, ныр цы фӕлдисын, уыдӕттыл. Ӕз аразын цины сахар Йерусалим, йӕ цӕрджыты зӕрдӕ йын дзаг кӕнын рухс амондӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ