Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Псаломтӕ 106:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 байтауынц сӕ хуымтӕ, скӕнынц сӕндӕттӕ ӕмӕ хъӕздыг тыллӕг сисынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

37 байтауынц сӕ хуымтӕ, скӕнынц сӕндӕттӕ ӕмӕ хъӕздыг тыллӕг сисынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Псаломтӕ 106:37
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы паддзӕхты фӕндагыл цыди, суанг ма йӕ фырты дӕр арты нывондӕн ӕрхаста, кӕддӕр Дунедарӕг Израилы адӕмы цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмгӕйӕ.


Арты нывондӕн хастой сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты, дӕсны фарстой ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодтой. Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттыл бафтыдысты, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодтой.


Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.


Роховам йӕхицӕн саужынтӕ равзӕрста, цӕмӕй кувӕн къуыбыртыл лӕггад кӕной, табу кӕной цӕутӕ ӕмӕ уӕнгуыты гуымирытӕн — йӕхӕдӕг кӕй саразын кодта, уыдонӕн.


Алы пӕлӕхсар бӕласы бын ӕнӕуаг митӕ кӕнут уӕ мӕнгхуыцӕуттимӕ, ноджы ма къӕдзӕхты бын комы нарджыты, тӕрфыты, кусарт кӕнут уӕ сабиты.


Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!»


Хинномы фырты дӕлвӕзы, Тофеты, кувӕн къуыбыртӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты нывондӕн хӕссой. Уый сын Ӕз нӕ бафӕдзӕхстон! Нӕу Мын ӕхцон!


сӕ нывӕндтӕй сӕхи фӕчъизи кӕнын — сӕ алы фыццаггуырды арты нывондӕн хӕссын, цӕмӕй сыл бафтауон фыд тас, ӕмӕ базоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Лӕвӕрттӕ сын хӕсгӕйӕ ӕмӕ сын уӕ цоты арты нывондӕн судзгӕйӕ, уӕхи фӕчъизи кӕнут уӕ гуымирытӕй. Ӕмӕ ма уый фӕстӕ дзуапп агурут Мӕнӕй, Израилы адӕм? Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ницы дзуапп уын ратдзынӕн!


Уыдон хъахбай митӕ кодтой, сӕ къухтӕ самӕстой туджы, сӕ гуымирытимӕ хӕтыдысты ӕмӕ Мын цы цот ныййардтой, уыдоны сын арты нывондӕн хастой.


Адӕм сӕ дурты бын фӕкӕнӕнт ӕмӕ сӕ кӕрдтӕй скъуыхтӕ кӕнӕнт, сӕ фырттӕ ӕмӕ сын сӕ чызджыты амарӕнт, сӕ хӕдзӕрттӕ та сын басудзӕнт.


Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»


Ницы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы! Фӕлӕ муртаттӕгтӕ цы нывӕндтӕ ӕрхӕссынц, уыдон Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн хӕссынц. Мӕн та нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕлимонтимӕ баст уат.


Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ;


Нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн, ӕрӕджы чи фӕзындис ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы гуымирытӕн хастой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ