11 Дӕуӕн дӕр, Иудӕ, сар дӕ сӕр кӕны, Ӕз Мӕ адӕмы уацарӕй фӕстӕмӕ куы раздахон, уӕд.
Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта, уӕд ын Дунедарӕг, раздӕр ӕм цы уыди, уыдон дывӕрӕй фӕстӕмӕ бафтыдта йӕ къухы.
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.
Давиды куывд. О Дунедарӕг, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, уымӕн ӕмӕ мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн!
Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Вавилоны чызджы мусау ныннай кодтой, тагъд йӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕудзӕн».
Райсут уе ’хсырфытӕ — кӕрдинаг бирӕ ис! Фезмӕлут! Сӕндуцӕнтӕн сӕн сӕ былтӕй кӕлы, зӕхх адӕмы тӕригъӕдтӕ нал уромы.
Фӕлӕ уыдон Дунедарӕджы хъуыдытӕ нӕ зонынц, Йӕ уынаффӕ сын зындгонд нӕу. Куыристӕ мусы куыд ӕрӕмбырд кӕнынц, уыйау сӕ ацы ран кӕй сӕмбырд кодта, уый не ’мбарынц.
Иудӕйы фӕстагӕттӕй ма чи аирвӕза, уыдоны хай бауыдзӕн; сӕ фос хиздзысты уым, Ашкелоны хӕдзӕрттӕ сын фосдарӕн уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕркӕсдзӕн, уацарӕй сӕ суӕгъд кӕндзӕн».
Ноджы ма иу зӕд рацыди Кувӕндонӕй ӕмӕ ӕврагъыл Бадӕгӕн хъӕрӕй загъта: «Рауадз Де ’хсырф ӕмӕ хуым ӕркӕрд, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд хуымгӕрдӕн — зӕххы хуымтӕ сцӕттӕ сты».