13 Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни.
Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ.
Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.
Уыцы заман Ахаз Ассирийы паддзах Тиглат-Пилесермӕ арвыста минӕвӕрттӕ ахӕм курдиатимӕ: «Ӕз — дӕ цагъар ӕмӕ дӕ фырт. Сири ӕмӕ Израилы паддзӕхтӕ мӕм ӕрбабырстой, ӕмӕ дӕ курын, ӕрбацу ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн сӕ къухӕй».
Уый йын сомытӕ кӕндзӕни: «Ӕз хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг нӕ дӕн! Мӕнӕн дӕр мӕ хӕдзары нӕ къӕбӕр ис, нӕ — дарӕс, ахӕм фӕтӕгӕй цы кӕнут?»
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй, уӕззау сты дӕ цӕфтӕ!
Охола Мыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕнӕуаг митӕ кодта йӕ хӕзгултимӕ, ассириаг хӕстонтимӕ.
Гуымирыйӕн йӕхи та аласдзысты Ассиримӕ — стыр паддзахӕн лӕварӕн. Ефрем худинаджы бын фӕуыдзӕн, Израил йӕ фыдвӕндты тыххӕй къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн.
Ефрем хизы дымгӕ, скӕсӕйнаг дымгӕйы фӕдыл зилы, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц мӕнгдзинад ӕмӕ тыхми. Ассириимӕ цӕдисонтӕ систы, оливӕйы сой ӕрвитынц Мысырмӕ.
Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.
Йӕ хӕзгулты фӕдыл азгъордзӕн, фӕлӕ сӕ нал аййафдзӕн, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕни: «Цӕуон, мӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхон — уӕд мӕ цард абонӕй хуыздӕр уыд».
Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.
Иунӕгӕй чи хъеллау кӕны, уыцы хъӕддаг хӕрӕгау ацыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ Ефрем зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ кодта.
уымӕн ӕмӕ нӕй сдзӕбӕхгӕнӕн йӕ хъӕдгомӕн. Стыр бӕллӕх ӕрбахӕстӕг Иудеймӕ, суанг мӕ адӕмы кулдуары раз, Йерусалимы цур ӕрбалӕууыд.