19 Мӕхицӕн дӕ усаг зӕгъдзынӕн мыггагмӕ — рӕстад ӕмӕ рӕстдзинады, уарзондзинад ӕмӕ хорзӕхы бындурыл.
Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ Стыр Иунӕг Хуыцау — диссӕгтӕ фӕлдисӕг!
Сионы сахар раст тӕрхоны руаджы фервӕздзӕн, йӕ цӕрджытӕй йӕ цӕрджытӕй фӕсмонмӕ чи ӕрцыд, уыдон та — сӕ рӕстады фӕрцы.
«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.
Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг — дӕ Сӕрыхицау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Дӕ Ирвӕзынгӕнӕг у Израилы Стыр Хуыцау, ӕгас зӕххы Хуыцау — афтӕ Йӕ хонынц.
Ды уыдтӕ, удхайраг чи фӕвӕййы, ахӕм уагъд усы хуызӕн. Фӕлӕ дӕм ныр фӕстӕмӕ сиды Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ зӕгъы: «Фыццаг уарзоныл чи бахъоды кӕндзӕн?
Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.
Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».
Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».
Иудӕ ӕмӕ Йерусалим мыггагмӕ нӕ фесӕфдзысты.
Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй.
Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.
Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.
Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.
Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.