Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Осиа 12:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Галаады фӕзынди фыддзинад, йӕ цӕрджытӕ дзӕгъӕл змӕлдыл систы. Гилгалы нывондӕн хастой галтӕ, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ, быдыры ауӕдзыл цы дуррӕдзӕгъдтӕ самайынц, уыдонау суыдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Осиа 12:11
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Галаадмӕ балидзӕг адӕмӕй иу лӕг, тишбийаг Илийа, Ахавӕн загъта: «Сомы дын кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй: къорд азы дӕргъы нӕ уыдзӕни нӕдӕр къӕвда, нӕдӕр ӕртӕх, цалынмӕ ӕз нӕ зӕгъон, уӕдмӕ».


Уӕд Дунедарӕг израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ иудейӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсын райдыдта Йӕ алы пехуымпар ӕмӕ йӕ алы зонынджыны уылты: «Ныууадзут уе ’наккаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕн, ныр та сымахӕн дӕр Мӕ пехуымпарты фӕрцы кӕй бафӕдзӕхстон, уыдон».


Худӕг ӕмӕ ницӕйаг сты уыдон, сӕ тӕрхоны заман фесӕфдзысты.


Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?


Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай!


Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц!


«Адӕймаджы фырт! Израилӕгтӕн зӕгъ уыци-уыци, радзур сын ӕмбисонд.


Израил — зад сӕнӕфсиры зӕнг, гагаты бынӕй нал зыны. Йӕ дыргътӕ цас фылдӕр кӕнынц, уыйас фылдӕр нывондхӕссӕнтӕ аразы. Йӕ зӕхх цас сойджындӕр кӕны, уыйас фылдӕр — йӕ табуйаг дуртӕ.


Фыдӕнхъӕл фесты ӕмӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты. Дунедарӕг сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕндзӕн, сӕ табуйаг дуртӕ сын фесафдзӕн.


Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут.


Галаад — ӕнӕхуыцӕутты сахар, тугамӕст.


Уымӕн ӕмӕ бирӕ нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта Ефрем, фӕлӕ йын уыдон фӕахъаз сты ӕрмӕст тӕригъӕды бацӕуынӕн.


«Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи.


Ӕрбацӕут Вефилмӕ, сбирӕ кӕнут уӕ тӕригъӕдтӕ! Ацӕут Гилгалмӕ, ӕмӕ сӕ уым ноджы фӕфылдӕр кӕнут! Алы райсом дӕр нывӕндтӕ хӕссут, уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хай — ӕртӕ бонӕй ӕртӕ бонмӕ!


Ма цӕут Вефилмӕ, Гилгал ӕмӕ Беер-Шевӕмӕ. Гилгалы цӕрджыты иууылдӕр уацары акӕндзысты, Вефилӕн та зӕххыл йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн».


Мӕ уд куы сфӕлмӕцыд мӕ мидӕг, уӕд ӕз ӕрхъуыды кодтон Хуыцауы, ӕмӕ мӕ куывд фехъуысти Дӕумӕ, Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ