21 Ссыгъдӕг сты левиттӕ ӕмӕ цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ. Аарон сӕ нывондау Дунедарӕджы размӕ бакодта, ссыгъдӕг сӕ кодта Аарон, ӕмӕ уыйадыл сыгъдӕг уыдысты.
уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр,
Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уыцы сауджын сыгъдӕггӕнинаджы йӕ хуынтимӕ ӕрлӕууын кӕнӕд Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур.
Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон хъуамӕ йӕхи ссыгъдӕг кӕна уыцы сыгъдонӕй, ӕмӕ уӕд сыгъдӕг уыдзӕн. Ӕртыккаг ӕмӕ ӕвдӕм бон йӕхи куынӕ ссыгъдӕг кӕна, уӕд та сыгъдӕг нӕ уыдзӕн.
Сыгъдӕг адӕймаг чъизи адӕймагыл хъуамӕ уыцы донӕй бапырх кӕна ӕртыккаг, стӕй та ӕвдӕм бон ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕвдӕм бон ссыгъдӕг кӕна. Уый та йӕ дарӕс цӕхсӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ изӕрмӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.
«Израилӕгты ӕхсӕн Ӕз равзӕрстон левитты. Мӕхицӕн сӕ исын израилӕгты хистӕр зӕнӕджы ныхмӕ — мады гуыбыны фыццаг гуырдзы ныхмӕ. Левиттӕ уыдзысты Мӕн.
Куы сӕ ссыгъдӕг кӕнай ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн хаст нывондау куы раттай, уӕд левиттӕн сӕ бон у бацӕуын ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын.
Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы дзыллӕ иууылдӕр, Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодтой.
Уый фӕстӕ левиттӕ Фембӕлды Цатыры лӕггад кӕнын райдыдтой Аарон ӕмӕ йӕ фыртты разамындӕй. Дунедарӕг Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой.
Цӕмӕй ссыгъдӕг уой, уый тыххӕй та сын бакӕн афтӕ: бапырх сыл кӕн тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн дон, сӕрдасӕнӕй ӕрдасӕнт сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй, сӕ дарӕс цӕхсӕнт, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзысты.