Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 7:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ; дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 7:13
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

цӕлхытыл цӕугӕ дӕс суанцъыйы; суанцъытыл ӕвӕрд дӕс аджы;


ноджы ма тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ, куыситӕ. Хурам паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд, ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.


Нӕ Хуыцауы хӕдзары номыл нӕм мысайнаджы охыл цыдӕриддӕр ӕрцыдис — ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ — уыдон сӕм барст-нымадӕй радтон: паддзахы, йӕ уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ йе ’лдӕртты, стӕй уымы израилӕгтӕн се ’ппӕты лӕвӕрттӕ.


Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скӕн тӕбӕгътӕ, сӕнӕн та — къустӕ, куыситӕ, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ.


Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн.


Ӕппынфӕстаг фынгӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скодта мигӕнӕнтӕ: къустӕ ӕмӕ куыситӕ — хӕрздӕфгӕнӕнтӕн, хъуыраутӕ ӕмӕ хъалацтӕ та — сӕнӕн.


Хъахъхъӕнджыты хицау йемӕ аласта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: боцкъатӕ, будсудзӕнтӕ, кӕхцытӕ, ӕгтӕ, цырагъдарӕнтӕ, будсудзӕн куыситӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ.


Куы банозтджын, уӕд Балтасар, йӕ фыд Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй ӕрбаласта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист кӕхцытӕ ӕрбахӕссын кодта. Паддзах, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ Хуыцауы хӕдзары сыгъзӕрин кӕхцытӕй сӕн нуӕзтой ӕмӕ кад кодтой сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн.


Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд


Нысангонд ӕргътӕ иууылдӕр хъуамӕ нымад цӕуой кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


уӕд ссӕдз азӕй ӕртиссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.


Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты.


уӕд Дунедарӕджы нывондимӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ хойраджы хуын дӕр уа: мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.


Хуымилиагӕн та — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы иу дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй.


Мӕйноджы ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывӕндтӕй уӕлдай ма, сӕ хуымилиаг ӕмӕ, ӕгъдау кӕй домы, уыцы сӕнимӕ, ацы нывӕндтӕ дӕр хӕссын хъӕуы Дунедарӕгӕн. Уый у арты нывонд, ӕхцон хӕрздӕф Дунедарӕгӕн.


уыдонӕй алкӕй ныхмӕ та райс фӕйнӕ фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


Фыццаг бон йӕ хуынимӕ ӕрбалӕууыди Нахшон, Аминадавы фырт, Иудӕйы мыггагӕй.


дӕс шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин куыси, будӕй йемыдзаг;


Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;


Ӕмӕ йын йӕ сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахастой ӕмӕ йӕ чызгмӕ радтой, уый та йӕ ахаста йӕ мадмӕ.


Чызг, йӕ мады ардыдӕй, загъта: «Ардӕм мын аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахӕсс».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ