10 Ӕстӕм бон та дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны хъуамӕ ратта сауджынмӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрыл.
Уымӕй куы ссыгъдӕг уа, уӕд-иу ранымайӕд авд боны.
Исчи Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд равзарӕд ӕхсинӕг кӕнӕ бӕдул бӕлон.
Лӕппу кӕнӕ чызджы райгуырды фӕстӕ йе ссыгъдӕджы бонтӕ куы ахицӕн уой, уӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕрбакӕнӕд фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн. Ноджы ма ӕрбахӕссӕд бӕдул бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг — тӕригъӕды нывондӕн.
сауджын иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн, хойраджы хуынимӕ иумӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.
Ӕстӕм бон райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ-иу ӕрбацӕуӕд Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ-иу сӕ раттӕд.
Ӕстӕм бон-иу райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ.
Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй лӕвӕрд ӕрцыди мӕлӕтмӕ ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй Хуыцауы раз мах сраст уӕм.