23 Банымай, дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом ӕмӕ кусынхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
Адон сты Левийы байзӕддӕгтӕ мыггаггай, мыггӕгты хистӕртӕ. Уыцы мыггӕгты адӕм нымад ӕрцыдысты сӕрӕй-сӕрмӕ — ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ — ӕмӕ куыстой Дунедарӕджы хӕдзары.
Давиды фӕстаг ныстуантӕм гӕсгӕ Левийы байзӕддӕгтӕ нымад ӕрцыдысты ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ.
Левиттӕ нымад ӕрцыдысты ӕртыназдзыдтӕй уӕлӕмӕ; ӕдӕппӕтӕй сӕ нӕлгоймӕгты нымӕц уыд ӕстдӕс ӕмӕ ссӕдз мины.
«Банымай Гершоны байзӕддӕгты дӕр хӕдзаргай ӕмӕ мыггаггай.
Мӕнӕ — Гершоны байзӕддӕгты куыст, сӕ бӕрны цы хӕссинаг ис, уый.
дӕс ӕмӕ ссӕдз азӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы онг кӕуыл цӕуы ӕмӕ Фембӕлды Цатыры лӕггадхъом чи у, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
Йӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы йӕхи куы фӕуой, уӕд ныууадзӕд йӕ лӕггад — хъуамӕ мауал куса.
Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?
ӕцӕгдзинады дзырд, Хуыцауы хъару. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр.
Уымӕн ӕмӕ буары ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уый Уды ныхмӕ у, Уды цы фӕнды, уый та — буары ӕрдзыхъӕды ныхмӕ. Уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ сты, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый нӕ кӕнут.
Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ.
Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.
Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.