13 Ахӕм фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныффӕдзӕхста Дунедарӕг израилӕгтӕн, ӕмӕ сын сӕ Моисей фехъусын кодта Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ.
Ахӕм у фос, сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты тыххӕй ӕгъдау, стӕй хилӕгойтӕ ӕмӕ, доны бын цы цӕрӕгойтӕ цӕры, уыдонӕн се ’ппӕты ӕгъдау дӕр,
Гъе ахӕм у хъуынайы тыххӕй ӕгъдау. Уый фӕрцы хицӕнгонд цӕудзысты кӕрӕдзийӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг — дарӕсыл, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, стӕй цыфӕнды сӕрак дзаумайыл исты тӕпп куы фӕзына, уӕд.
Ацы уагӕвӕрдтӕ, амындтытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн радта Синайы хохыл, Моисейы уылты.
Адон сты, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейӕн, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ.
Уырдыгӕй израилӕгтӕ сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой ӕмӕ Моавы дӕлвӕзы, Иорданы фале, Йерихонмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.
Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыцы адӕмы сфыстой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Израилы адӕмӕй Мысырӕй чи рацыди, уыдон уыдысты:
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ:
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы раз, Йерихоны бакомкоммӕ:
Йосефы фырт Менассиайы хӕдзарвӕндаджы чындзытӕ баисты, ӕмӕ сӕ хай сӕхи фыды хӕдзарвӕндагӕн баззади.