12 Йосефы фырт Менассиайы хӕдзарвӕндаджы чындзытӕ баисты, ӕмӕ сӕ хай сӕхи фыды хӕдзарвӕндагӕн баззади.
Махла, Тирца, Хогла, Милка ӕмӕ Ноа смой кодтой сӕ фыды ’фсымӕрты лӕппутӕм.
Ахӕм фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныффӕдзӕхста Дунедарӕг израилӕгтӕн, ӕмӕ сын сӕ Моисей фехъусын кодта Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ.
Дунедарӕг Цалфахады чызджыты тыххӕй афтӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, кӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуой, уыдонмӕ сӕ бон у смой кӕнын, фӕлӕ сын моймӕ цӕуӕн ис ӕрмӕст сӕхи фыды хӕдзарвӕндагмӕ.
Иуахӕмы Йосефы байзӕддӕгтӕ Йешуайӕн загътой: «Иунӕг хал нын цӕмӕн сӕппӕрстай ӕмӕ нын иу хай йеддӕмӕ цӕуылнӕ радтай фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн, Дунедарӕджы арфӕйӕ тынг куы сбирӕ стӕм, уӕд?»