29 Уый уын, кӕмдӕриддӕр цӕрат, ӕгъдауӕн ныффидар уыдзӕн фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Ӕрмӕстдӕр левиттӕ хъуамӕ кусой Фембӕлды Цатыры, ӕмӕ уыдон дзупп дӕтдзысты, тӕригъӕд ӕй куы фӕчъизи кӕна, уӕд. Уыцы уагӕвӕрд уын мыггагмӕ лӕвӕрд у, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Левиттӕн зӕххы хай нӕ уыдзӕн израилӕгты ’хсӕн.
Хеферы фырт Цалфахады (Хефер — Галаады фырт, Галаад — Махиры фырт, Махир — хӕдзарвӕндаджы хистӕр Менассиайы фырт, Менассиа — Йосефы фырт) чызджытӕ — Махла, Ноа, Хогла, Милка ӕмӕ Тирца —
Фыды ’фсымӕртӕ йын куынӕ уа, уӕд-иу ын йӕ хай раттут, йӕ хӕдзарвӕндагӕй йӕм ӕввахсдӕр чи у, уыцы хионӕн. Уый израилӕгтӕн баззайӕд ӕгъдауӕн, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ».
Уымӕн ӕмӕ хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ уый хъуамӕ йе ’мбӕхсӕн сахары лӕууыдаид, стыр сауджыны амӕлӕты фӕстӕ та йӕ уӕзӕгмӕ ӕрбаздӕхтаид.