27 ӕмӕ йыл сахары ӕдде йӕ туджджын куы бамбӕла ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд йӕ тугныккалды аххосджын нӕ уыдзӕн.
Давӕджы сисы бын къахгӕ чи баййафа, афтӕмӕй йӕ чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый азымджын нӕу.
Марӕг, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарӕй куы рацӕуа
Уымӕн ӕмӕ хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ уый хъуамӕ йе ’мбӕхсӕн сахары лӕууыдаид, стыр сауджыны амӕлӕты фӕстӕ та йӕ уӕзӕгмӕ ӕрбаздӕхтаид.
Ӕмӕ никуы ныккӕлдзӕн ӕнаххосы туг, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, ӕмӕ тугныккалды азымджын нӕ фӕуыдзыстут.
цӕмӕй тугисӕг йӕ тӕвдӕй туджджыны фӕсте ма асура, фӕндаг дард кӕй у, уый аххосӕй йӕ ма баййафа ӕмӕ йӕ ма амара: маринаг нӕу — ӕнӕбары амардта, знаг ын чи нӕ уыди, уыцы адӕймаджы.