26 Марӕг, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарӕй куы рацӕуа
Дзыллӕ хъуамӕ марӕджы фервӕзын кӕной тугисӕджы къухӕй ӕмӕ йӕ, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарыл фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕной. Цӕрӕд уым уаз сойӕ сӕрст хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ.
ӕмӕ йыл сахары ӕдде йӕ туджджын куы бамбӕла ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд йӕ тугныккалды аххосджын нӕ уыдзӕн.
Дӕ хӕдзары дуарӕй ӕддӕмӕ чидӕриддӕр рахиза, уымӕн-иу йӕ тӕригъӕд йӕхи фӕуӕд, махмӕ дзы ницы азым ӕрхаудзӕн. Дӕ хӕдзары мидӕг искӕй туг куы ныккӕла, уӕд-иу уый тӕригъӕд та мах сӕр баййафӕд.