21 йӕ фыдзӕрдӕйӕ искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уымӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй — марӕг у; тугисӕгӕн йӕ бон у, кӕм ыл бамбӕла, марӕджы уым амарын.
Гъеныр мӕ сурыс а зӕххӕй, ӕмӕ цӕуын, нал Дӕм равдисдзынӕн мӕхи. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Чидӕриддӕр мыл амбӕла — амардзӕн мӕ».
Ӕмӕ уӕхи туг, — уӕ цард кӕй мидӕг ис, — уый дӕр хъуамӕ макуы ныккӕла. Иунӕг адӕймаджы туг дӕр Мын ӕнӕистӕй нӕ баззайдзӕни — сырдӕй уа, адӕймагӕй уа.
Сылгоймаг загъта: «Паддзах ард бахӕрӕд Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, тугисджытӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй нӕ сараздзысты, мӕ фырты мын кӕй нӕ амардзысты, уый тыххӕй». Паддзах ын дзуапп радта: «Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, дӕ фырты сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн».
Ӕз дӕуӕн, хъахбай устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕ цы тӕрхоны аккаг сты, ахӕм тӕрхон рахӕсдзынӕн — фыр мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ Ӕз дӕу тугкалӕн мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн.
Кӕмфӕнды йыл куы бамбӕла, уӕддӕр тугисӕгӕн йӕ бон у марӕджы амарын.
Фыддӕрагӕн искӕй чи асхойа кӕнӕ йыл барӕй исты чи фӕкӕна ӕмӕ амара;
Фӕлӕ ӕнӕбары, ӕвзӕр зӕрдӕ йӕм нӕ дардта, афтӕмӕй искӕй чи асхойа, ӕнӕбары йыл исты дзаума куы фехса