Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 35:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Кӕмфӕнды йыл куы бамбӕла, уӕддӕр тугисӕгӕн йӕ бон у марӕджы амарын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 35:19
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъеныр мӕ сурыс а зӕххӕй, ӕмӕ цӕуын, нал Дӕм равдисдзынӕн мӕхи. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Чидӕриддӕр мыл амбӕла — амардзӕн мӕ».


Сылгоймаг загъта: «Паддзах ард бахӕрӕд Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, тугисджытӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй нӕ сараздзысты, мӕ фырты мын кӕй нӕ амардзысты, уый тыххӕй». Паддзах ын дзуапп радта: «Дунедарӕгӕй дын ард хӕрын, дӕ фырты сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн».


Ныр мӕ хионтӕ дӕр мӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ мын зӕгъынц: „Йе ’фсымӕры чи амардта, уый нын нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ дзы, кӕй бабын кодта, уый туг райсӕм; кӕд бындар у, уӕддӕр ӕй амарӕм“. Мӕ къонайы ма цы зынг баззади, уый бынтондӕр ахуыссын кӕндзысты, мӕ мойӕн йӕ ном куыд фесӕфа ӕмӕ йын зӕххы цъарыл куыд ничиуал баззайа, афтӕ».


Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.


Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай та Авнеры, се ’фсымӕр Асаелы сын кӕй амардта Гивоны хӕсты, уый тыххӕй амардтой.


Ӕмӕ уын уыдзысты уыцы сахартӕ, йӕ туг чи агуры, уымӕй хи ӕмбӕхсынӕн, цӕмӕй туджджын ма фӕмард уа дзыллӕйы тӕрхоны размӕ.


Амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм хъӕдын дзаумайӕ искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уый марӕг у; марӕгӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй.


Фыддӕрагӕн искӕй чи асхойа кӕнӕ йыл барӕй исты чи фӕкӕна ӕмӕ амара;


йӕ фыдзӕрдӕйӕ искӕй чи ныццӕва ӕмӕ амара, уымӕн ӕнӕ амаргӕ нӕй — марӕг у; тугисӕгӕн йӕ бон у, кӕм ыл бамбӕла, марӕджы уым амарын.


уӕд дзыллӕ мӕнӕ ацы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ хъуамӕ равзарой марӕг ӕмӕ тугисӕджы хъуыддаг.


ӕмӕ йыл сахары ӕдде йӕ туджджын куы бамбӕла ӕмӕ йӕ куы амара, уӕд йӕ тугныккалды аххосджын нӕ уыдзӕн.


уӕд ӕй, цы сахайраг у, уыцы сахары хистӕртӕ фӕстӕмӕ ӕрбакӕнын кӕнӕнт, кӕдӕм алыгъди, уыцы сахарӕй ӕмӕ йӕ, туг кӕмӕй дары, уыдоны къухтӕм раттӕнт, цӕмӕй мард ӕрцӕуа.


цӕмӕй тугисӕг йӕ тӕвдӕй туджджыны фӕсте ма асура, фӕндаг дард кӕй у, уый аххосӕй йӕ ма баййафа ӕмӕ йӕ ма амара: маринаг нӕу — ӕнӕбары амардта, знаг ын чи нӕ уыди, уыцы адӕймаджы.


Ӕмӕ ӕнӕбары искӕй чи амара, уымӕн уым уыдзӕни тугисӕджы азарӕй йӕ сӕр бафснайыны фадат.


Тугисӕг йӕ фӕдыл фӕдисы куы ’рбацӕуа, уӕд ын ӕй йӕ къухмӕ ма раттӕнт, уымӕн ӕмӕ амардта ӕнӕбары, йӕ амӕттаг ын уӕд дӕр ӕмӕ уымӕй размӕ дӕр ӕнӕуынон нӕ уыди.


Гедеон сын загъта: «Уыдон ме ’фсымӕртӕ уыдысты, мӕ ныййарӕг мады зӕнӕг. Ард уын хӕрын Дунедарӕгӕй, куы сыл бацауӕрстаиккат, уӕд уын ӕз дӕр фӕтӕригъӕд кӕнин».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ