1 Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы раз, Йерихоны бакомкоммӕ:
Афтӕмӕй израилӕгтӕ левиттӕн радтой ацы сахартӕ сӕ алыварс хизӕнтимӕ.
Фӕлӕ левиттӕн сӕ сахарты кӕддӕриддӕр бар ис сӕ хӕдзӕрттӕ фӕстӕмӕ балхӕнынӕн.
Уырдыгӕй израилӕгтӕ сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой ӕмӕ Моавы дӕлвӕзы, Иорданы фале, Йерихонмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.
Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыцы адӕмы сфыстой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Израилы адӕмӕй Мысырӕй чи рацыди, уыдон уыдысты:
Уый, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ кӕй банымадтой, уыдон.
ӕмӕ сӕ — уацайрӕгты дӕр ӕмӕ, цы фӕфос кодтой, уыцы фӕллой ӕнӕхъӕнӕй, — Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕйы раз балӕууын кодтой рӕсӕнуаты, моаваг быдырты, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ:
Уыдон — Дунедарӕг Ханааны зӕхх израилӕгты ’хсӕн байуарын кӕмӕн бафӕдзӕхста, уыцы адӕймӕгтӕ.
«Зӕгъ израилӕгтӕн, цӕмӕй сӕ исбоны хӕйттӕй левиттӕн сахартӕ раттой цӕрынӕн, ӕмӕ сын уыцы сахарты алфамбылай быдыртӕ дӕр раттут.
Ахӕм фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ныффӕдзӕхста Дунедарӕг израилӕгтӕн, ӕмӕ сын сӕ Моисей фехъусын кодта Моавы быдырты, Иорданы цур, Йерихоны бакомкоммӕ.
Афтӕмӕй израилӕгтӕ зӕхх байуӕрстой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Левитты мыггӕгты хистӕртӕ бацыдысты сауджын Елеазармӕ, Нуны фырт Йешуамӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм —