47 Рараст сты Алмон-Дивлатаимӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Аваримы хӕхты, Невойы раз.
Бамотӕй — Моавы быдырты, ӕдзӕрӕг быдыры чи зыны, уыцы Фасгайы хохы сӕрмӕ.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Мӕнӕ Аваримы хохмӕ ссу ӕмӕ, израилӕгтӕн цы зӕхх радтон, уымӕ акӕс.
Дивон-Гадӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Алмон-Дивлатаимы.
«Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс.
Уыйадыл ссыди Моисей Моавы дӕлвӕзтӕй Невойы хохмӕ, Йерихоны бакомкоммӕ чи ис, уыцы Фасгайы сӕрмӕ. Ӕмӕ йын фенын кодта Дунедарӕг бӕстӕ кӕрӕй-кӕронмӕ — Галаадӕй Даны онг,