46 Дивон-Гадӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Алмон-Дивлатаимы.
Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.
Дивоны цӕрӕг, дӕ кадджын бынатӕй сыст ӕмӕ хус зӕххыл ӕрбад, уымӕн ӕмӕ, Моавы зӕхх чи сафтид кодта, уый дӕм ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ дын дӕ фидӕрттӕ ныппырх кӕндзӕн.
Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Уырдыгӕй араст сты Беермӕ, Дунедарӕг Моисейӕн афтӕ кӕмӕй загъта, ӕрбамбырд кӕн адӕмы ӕмӕ сын Ӕз сын дон ратдзынӕн, уыцы Цъаймӕ.
Ӕмӕ сарӕзтой Гады байзӕддӕгтӕ Дивон, Атарот ӕмӕ Ароер,
Рараст сты Ийимӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Дивон-Гады.
Рараст сты Алмон-Дивлатаимӕй ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Аваримы хӕхты, Невойы раз.