36 Ецион-Геверӕй рараст сты ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Цины ӕдзӕрӕг быдыры, йӕ иннӕ ном — Кадеш.
Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди.
Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.
Фыццаг мӕйы мӕйноджы израилӕгтӕ Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ бахӕццӕ сты. Дзыллӕ Кадешы ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Мариам амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.
Уымӕн ӕмӕ сымах Мӕ ныхасмӕ нӕ байхъуыстат Цины ӕдзӕрӕг быдыры, адӕм куы сызмӕстой, уӕд: цӕмӕй уыдон, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сӕхи цӕстӕй феной, уыцы суадоны был». (Уыцы суадон уыди Меривайы, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры.)
Рараст сты Авронайӕ ӕмӕ рӕсӕнуат скодтой Ецион-Геверы.
Сымах Мыл Меривайы доны был, Кадешы, Цины ӕдзӕрӕг быдыры, кӕй фӕгуырысхо стут израилӕгты ’хсӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый сын кӕй нӕ фенын кодтат, уый тыххӕй уын афтӕ нывгонд у.