9 Ешколы дӕлвӕзмӕ бахӕццӕ сты, бӕстӕ федтой ӕмӕ израилӕгты сардыдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг сын цы бӕстӕ радта, уырдӕм ма ацӕуой.
Негевыл ахызтысты ӕмӕ Хевронмӕ, Анакы байзӕддӕгтӕ Ахиман, Шешай ӕмӕ Талмай кӕм цардысты, уырдӕм бахӕццӕ сты. (Хеврон та Мысыры сахар Цоанӕй авд азы раздӕр сырӕзт.)
Ешколы дӕлвӕзмӕ бафтыдысты ӕмӕ дзы сӕнӕфсиры къабуз ӕд цупал ракодтой ӕмӕ йӕ хъилыл дыууӕйӕ рахастой, ноджы ма — гранаттӕ ӕмӕ легъуитӕ.
Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты.