38 Нево ӕмӕ Баал-Меон (ацы сахартӕн сӕ нӕмттӕ аивтой), стӕй Сивма. Ногӕй цы сахартӕ сарӕзтой, уыдонӕн ног нӕмттӕ радтой.
Фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодта, йӕ фыд Авраамы заманы кӕй скъахтой ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕгтӕ кӕй фехӕлдтой, уыцы цъайтӕ. Ногӕй сӕ схуыдта, йӕ фыд сын кӕддӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй.
Невойы фырттӕй: Йеиел, Маттитиа, Завад, Зевина, Йаддай, Иоел ӕмӕ Бенайа.
Адӕмӕн сӕ бар сӕхи у, фӕлӕ ӕз Дӕ дзырды сӕрты никуы ахызтӕн, мӕхи хъахъхъӕдтон фыдгӕнӕджы фӕндӕгтӕй.
Ӕххӕст кӕнут, цыдӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, уыдон. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут, сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй дӕр ма хауӕнт.
Бахус сты Хешбоны сӕндӕттӕ, Сивмайы сӕнӕфсир дӕр афтӕ. Адӕмты барджынтӕ йын йӕ хуыздӕр талатӕ бассӕстой, афтӕмӕй та уыдон кӕддӕр суанг Йазеры онг аххӕссыдысты, дарддӕр та апырх сты ӕдзӕрӕг быдырыл. Уым фӕйнӕрдӕм райрӕзтысты ӕмӕ суанг Мард денджызы фаллаг фарсмӕ бахӕццӕ сты.
Йӕ уӕрджытыл ӕрхауд Бел, афӕлдӕхти Нево. Хуыцаугӕндты хайуантыл сӕвӕрдтой ӕмӕ сӕ аластой. Раздӕр уӕхӕдӕг кӕй хастат, уыдон ӕгӕр уӕззау разындысты фӕллад хайуантӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.
Рахастӕуыд дӕлвӕзӕн тӕрхон: Холон, Йахац, Мефаат, Дивон, Нево, Кирйатаим, Бет-Гамул, Бет-Меон, Бет-Дивлатаим, Керийот, Боцра — дард ӕмӕ хӕстӕг сахартӕй иу дӕр ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззади Моавы.
уый тыххӕй Ӕз байгом кӕндзынӕн Моавы фидар арӕнтӕ, йӕ кӕрӕтты цы сахартӕ лӕууы ӕмӕ хъал кӕмӕй сты, уыдон: Бет-Йешимот, Баал-Меон ӕмӕ Кирйатаим.
Дыккаг бон, сӕумӕйӕ, Балак Балаамы Бамот-Баалмӕ скодта, ӕмӕ уый уырдыгӕй израилӕгты рӕсӕнуатӕн ӕрмӕст йӕ чысыл хай федта.
«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —
Рувимы байзӕддӕгтӕ ногӕй сарӕзтой Хешбон, Елале ӕмӕ Кирйатаим,
Уыцы хохмӕ куы ссӕуай, уӕд уым амӕлдзынӕ ӕмӕ дӕ сыджытыл бафтдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард ӕмӕ йӕ сыджытыл куыд бафтыдис, афтӕ.
Амы адӕмтӕй уе ’хсӕн чи баззади, уыдонимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ уӕ ферох уӕнт, уыдоны номӕй ард ма хӕрут, ма сын лӕггад кӕнут, мадӕр сын кувгӕ кӕнут.