Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 32:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Ӕмӕ радта Моисей Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕн, стӕй Йосефы фырт Менассиайы байзӕддӕгты ӕрдӕгӕн аморӕгты паддзах Сигоны ӕмӕ Башаны паддзах Огы бӕстӕтӕ сӕ сахартӕ ӕмӕ алфамбылай зӕххытимӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 32:33
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыди ӕстдӕс мины. Уыдонӕн фӕдзӕхст уыди, цӕмӕй Давидмӕ ацӕуой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.


Паддзах Давид Йериайы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты — дыууӕ мины ӕмӕ авдсӕдӕ сӕрӕн лӕджы, мыггӕгты хистӕрты — баурӕдта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгты сӕргъы, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы сӕргъы, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Израилы дины ӕмӕ паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ уыди цыппор цыппар мин авдсӕдӕ хӕстифтонг хъӕбатыры; зыдтой кард ӕмӕ уартӕй хӕцын, стӕй фатӕй ӕхсын.


Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.


Мах гӕрзифтонгӕй Дунедарӕджы раз ацӕудзыстӕм Ханааны бӕстӕм, ӕмӕ нын Иорданӕн йӕ ацы фарс хай уӕд».


Уымӕн ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, стӕй Гады байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлты хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндагӕн йе ’мбис сӕ хай райстой.


Дыууӕ хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ хӕдзарвӕндаджы ӕрдӕг сӕ хай райстой Иорданы иннӕ фарс, скӕсӕны, Йерихоны бакомкоммӕ».


Сӕ зӕхх сын нӕхи бакодтам ӕмӕ йӕ Рувим ӕмӕ Гады, стӕй Менассиайы байзӕддӕгтӕн се ’мбисы ӕхсӕн байуӕрстам.


Израилӕгтӕ Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм, стӕй Арноны тӕрфӕй суанг Ермоны хохы онг ӕмӕ Иорданы дӕлвӕзы скӕсӕйнаг фарс цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдонӕн сӕ паддзӕхтӕ, Израилы ӕфсад кӕй басаста, уыдон, хуындысты Сигон ӕмӕ Ог.


Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ басастой Сигоны ӕмӕ Огы, сӕ зӕхх сын Дунедарӕджы цагъар Моисей радта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн.


Дыууӕ хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн Моисей йӕхӕдӕг фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радта Иорданы скӕсӕнварс, Левийы хӕдзарвӕндагӕн та уыдонимӕ исбон нӕ радта.


Ныр Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе ’фсымӕртӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын ӕнцой цард ралӕвар кодта. Гъемӕ уын Дунедарӕджы минӕвар Моисей Иорданы фале исбонӕн цы зӕххытӕ радта, уыдонмӕ аздӕхут.


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбисӕн Моисей зӕххы хай радта Башаны. Йӕ иннӕ ӕмбисӕн та йын Йешуа зӕххы хай радта Иорданы ацы фарс ныгуылӕнӕрдӕм, иннӕ израилӕгты фарсмӕ. Ӕмӕ сӕ Йешуа Хуыцауы арфӕимӕ сӕ хӕдзӕрттӕм куы ’рвыста,


Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ахызтысты Иорданы фаллаг фарсмӕ — Гады зӕхмӕ ӕмӕ Галаадмӕ. Саул та нырма Гилгалы уыди, ӕмӕ, йемӕ цы адӕм баззад, уыдон иууылдӕр ӕмризӕджы рызтысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ