3 «Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —
Ды сын сӕ бар бакодтай паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмты, байуӕрстай сын зӕхх, ӕмӕ бацахстой Сигоны, Хешбоны паддзахы, зӕххытӕ, стӕй Башаны паддзах Огы зӕххытӕ.
Байсыстысты Нимримы суадӕттӕ; хурмӕ баруади кӕрдӕг, цъӕх зайӕгхалӕн йӕ кой дӕр нал ис.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.
Моав йӕ раздӕры кад фесӕфта. Хешбоны цӕрджытӕ йӕ ныхмӕ аразынц фыдвӕнд: „Цӕуӕм ӕмӕ уыцы адӕмы фесафӕм“. Мадмена, дӕуӕн дӕр де сӕфт ӕрцӕудзӕн, дӕ фӕдыл зилы кард!»
О Сивмайы сӕндон! Дӕуыл куыд кӕуын, афтӕ Ӕз Йазерыл дӕр нӕ куыдтон. Дӕ талатӕ суанг денджызы фаллаг фарсмӕ аххӕссыдысты ӕмӕ ныххӕццӕ сты Йазеры цадмӕ. Ныр дын дӕ рӕгъӕд сӕнӕфсир ӕмӕ дӕ сӕрдыгон дыргътӕ ныллӕгуын кодта дӕрӕнгӕнӕг.
Хъарӕг хъуысы Хешбонӕй Елалемӕ, суанг Йахацы сахармӕ, Цоарӕй Хоронаим ӕмӕ Еглат-Шелишийы онг адӕмы хъӕр хъуысы, уымӕн ӕмӕ Нимримы дӕттӕ байсысдзысты.
Хешбоны бырутӕн сӕ аууӕтты фӕллад лигъдӕттӕ лӕууынц. Хешбонӕй арт раирвӕзт, Сигоны хӕдзар пиллон артӕй судзы; йӕ къӕмисӕнтӕ судздзӕни Моавӕн, нӕрӕмонтӕн сӕ сӕртӕ басудздзӕн.
уый тыххӕй Ӕз байгом кӕндзынӕн Моавы фидар арӕнтӕ, йӕ кӕрӕтты цы сахартӕ лӕууы ӕмӕ хъал кӕмӕй сты, уыдон: Бет-Йешимот, Баал-Меон ӕмӕ Кирйатаим.
Уымӕн ӕмӕ рацыди Хешбонӕй цӕхӕр, Сигоны сахарӕй — арт ӕмӕ аныхъуырдта Ар-Моавы, Арноны бӕрзӕндты хицӕутты.
Фатты бын сӕ фӕкодтам; бацарӕфтыд кодтам Хешбон Дивоны онг, гӕныстон фӕци, Медевайы раз чи ис, уыцы Нофахы онг».
Моисей бӕрӕггӕнӕг арвыста Йазермӕ, ӕмӕ йын израилӕгтӕ бацахстой йӕ алыварс хъӕутӕ, аморӕгты бынаты ӕрцардысты.
Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕм рӕгъӕуттӕ тынг бирӕ уыди. Йазер ӕмӕ Галаады бӕстӕтӕ куы федтой, уӕд сӕм стурвос хизынӕн хорз фӕкастысты.
Бацыдысты Гад ӕмӕ Рувимы байзӕддӕгтӕ Моисеймӕ, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы фӕтӕгтӕм ӕмӕ загътой:
Хешбон ӕмӕ уӕлвӕзы сахартӕ иууылдӕр: Дивон, Бамот-Баал, Бет-Баал-Меон,
Кирйатаим, Сивма, Церет-Шахар Иорданы скӕсӕнбыл хӕхбӕсты,
Хешбон йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ, Йазер йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ: ӕдӕппӕтӕй цыппар сахары.
Израилӕгтӕ Хешбон ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, Ароер ӕмӕ йӕ алыварс хъӕуты, стӕй Арноны дон-дон цы хъӕутӕ ис, уыдоны ныридӕгӕн ӕртӕсӕдӕ азы цӕрынц. Ӕмӕ нӕ уӕд ацы зӕххытӕ раздӕр цӕуылнӕ истай?