9 Мидианӕгты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты та израилӕгтӕ уацары акодтой, сӕ фос, сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ мулк сын иууылдӕр ратӕлӕт кодтой.
Афтӕмӕй сын байстой се ’ппӕт исбон. Сӕ сабитӕ ӕмӕ сын сӕ устыты акодтой уацары, сӕ хӕдзӕртты ма цы баззади, уыдон дӕр сын рассывтой.
Суанг ма сын сӕ фыййӕутты цатыртӕ дӕр сафтид кодтой, лыстӕг фосы ӕнӕнымӕц дзугтӕ ӕмӕ теуатӕ ратӕлӕт кодтой. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ.
Ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, сириӕгты паддзахы къухтӕм радта. Уыдон ӕй ныддӕрӕн кодтой, йӕ адӕмӕй йын бирӕты уацары райстой ӕмӕ сӕ акодтой Дамаскмӕ. Уый фӕстӕ Дунедарӕг Ахазы радта Израилы паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йын уый уӕззау цӕфтӕ ныккодта.
Кӕм цардысты, уыцы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ фидӕрттӕ арты хай бакодтой.
Ӕфсӕддонтӕй алчи тыхтона кодта йӕхи пайдайӕн.
Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.
Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты, стӕй, фос ӕмӕ дзы исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та уӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕнут ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм цы знӕгты радта, уыдоны бынтыл ӕрбадут.