53 Ӕфсӕддонтӕй алчи тыхтона кодта йӕхи пайдайӕн.
Иосафат ӕмӕ сӕм йӕ адӕм ныццыдысты ӕфтиаг ӕрӕмбырд кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕм бирӕ мулк разынди, уӕлӕдарӕсӕй, зынаргъ дзаумайӕ. Уый бӕрц ӕфтиаг сӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ йӕ сӕ бон ахӕссын дӕр нӕ уыд, ӕртӕ боны йӕ фӕхастой.
Ӕмӕ ӕфтиаг исбон, хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕ кӕй айстой, уый нӕ нымайгӕйӕ, уыдис: ӕхсӕзсӕдӕ ӕвдай фондз мин сӕры — лыстӕг фос,
Ӕмӕ Дунедарӕгӕн мысайнагӕн цы сыгъзӕрин ӕрбацыд мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕй, уый ӕдӕппӕтӕй уыди ӕхсӕрдӕс мин авдсӕдӕ фӕндзай шекелы.
Мидианӕгты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты та израилӕгтӕ уацары акодтой, сӕ фос, сӕ рӕгъӕуттӕ, сӕ мулк сын иууылдӕр ратӕлӕт кодтой.
Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты, стӕй, фос ӕмӕ дзы исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та уӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕнут ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм цы знӕгты радта, уыдоны бынтыл ӕрбадут.