41 Ӕмӕ радта Моисей сауджын Елеазарӕн Дунедарӕджы хъалон, Йӕ мысайнаг, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Уый фӕстӕ ацыдысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
Израилӕгтӕ цы уаз хуынтӕ хӕссынц Дунедарӕгӕн, уыдон иууылдӕр Ӕз дӕттын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн, ӕмӕ мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй уӕ хай сты. Уый у Дунедарӕджы раз демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ арӕзт мыггагмӕйы фидыд, цӕххы фидыдау — ӕнусон».
Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.
уацайрӕгтӕ — ӕхсӕрдӕс мины, уыдонӕй ӕртын дыууӕ — Дунедарӕджы хъалон.
Израилӕгтӕн цы хай райста Моисей, хӕцгӕ чи кодта, уыдоны тӕлӕтӕй,
Алы сауджын дӕр, цы уаз лӕвӕрттӕ йӕм ӕрбахӕссынц, уыдон йӕхицӕн ныууадзы: сауджынӕн цы рардӕуы, уый йӕ хай у».
Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты.
нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ивӕн дарӕс, нӕдӕр дзабыртӕ, нӕдӕр лӕдзӕг. Уымӕн ӕмӕ кусӕг уый аккаг у, цӕмӕй йын къӕбӕр бахӕрын кӕной.
Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.
Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн.