4 Алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — мин, израилаг хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ уой ӕфсады».
Фондзӕй-иу фӕсурдзыстут фондзыссӕдзы, фондзыссӕдзӕй та — дӕс мины, уӕ фыдгултӕ-иу уӕ карды амӕттаг бауыдзысты.
Ӕмӕ загъта Моисей адӕмӕн: «Уӕ адӕмӕй гӕрзифтонг ӕфсад скӕнут, цӕмӕй мидианӕгты ныхмӕ ралӕууой ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы маст райсой.
Ӕмӕ дыууадӕс мин гӕрзифтонг израиладжы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, ӕфсадмӕ бацыдысты.
Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Демӕ ӕгӕр бирӕ адӕм ис, мидианӕгты уын басӕттын нӕ бауадздзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ фестырзӕрдӕ уыдзысты, нӕхи хъарутӕй не знӕгтыл фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ.
Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».