28 Хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕй Дунедарӕгӕн хъалон райс, алы фондзсӕдӕйӕ дӕр — фӕйнӕ иуы: адӕмӕй дӕр, стурвосӕй дӕр, хӕрджытӕй дӕр, лыстӕг фосӕй дӕр.
Арфӕгонд уӕд Иууылбӕрзонд Хуыцау, де знӕгты дын дӕ къухтӕм Чи радта!» Ӕмӕ Аврам Мелхиседекӕн бахуын кодта йе ’ппӕт ӕфтиӕгты дӕсӕймаг хай.
Паддзах Давид сӕ едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ ӕмӕ амалекӕгтӕй байсгӕ ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтимӕ Дунедарӕгӕн мысайнаг сӕвӕрдта.
Уымӕй размӕ цы ӕфтиаг райстой, уымӕй семӕ ӕрбаластой авдсӕдӕ стуры ӕмӕ авд мин фысы ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхастой.
Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.
Фӕлӕ ныр йӕ сӕудӕджеры бакуыст, йе ’фтиаг нывонд кӕндзӕни Дунедарӕгӕн. Къӕбицтӕ ӕмӕ йӕ ӕфтауцуӕттӕм не ’мбырд кӕндзысты, фӕлӕ йӕ дӕтдзысты, Дунедарӕджы раз аргъуыцгӕнгӕ чи цӕры, уыдонӕн, цӕмӕй сӕхи ӕфсадой ӕмӕ цӕуой зынаргъ дарӕсы.
Уый денджызы сакъадӕхты цӕрджытӕн Ӕз сдӕн сӕ зӕрдӕдарӕн, се ’нхъӕлцау, ӕмӕ дын Таршишы наутӕ дардӕй ӕрбаласынц дӕ фыртты. Ноджы ма ӕрбаласынц ӕвзист, сыгъзӕрин, цӕмӕй Йӕ ном ссарой Дунедарӕгӕн — дӕ Хуыцауӕн, Израилы Стыр Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Уый скадджын кодта.
Фембӕлды Цатырӕн цы куыст кӕнынц, уый ныхмӕ Левийы байзӕддӕгтӕн зӕххы хайы бӕсты Ӕз дӕттын, Израилы цыдӕриддӕр ис, уымӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.
«Фехъусын кӕн левиттӕн: Ӕз уын зӕххы хайы бӕсты кӕй радтон, израилӕгтӕй уыцы дӕсӕймаг хай куы райсат, уӕд-иу ын йӕ дӕсӕймаг хай Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут.
Уыдон, цы хай сӕм хауы, уымӕй рахицӕн кӕн ӕмӕ сӕ, Дунедарӕгӕн скувынӕн, сауджын Елеазарӕн ратт.
Израилӕгтӕм цы хауы, уымӕн та йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзӕм хайӕ дӕр — адӕмӕй, стуртӕй, хӕрджытӕй, лыстӕг фосӕй, ӕппӕт хӕдзарон фосӕй — иу сӕр рахицӕн кӕн ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн ратт».
Израилӕгтӕм цы хауд, уымӕн Моисей йӕ алы дӕс ӕмӕ дыууисӕдзӕй дӕр иу рахицӕн кодта — уацайрӕгтӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр — ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цатыры лӕггадгӕнӕг левиттӕн, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ радта.
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн».
Сыкъауадындзтӕ ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккодтой. Сахары систӕ сӕ бындзарӕй афӕлдӕхтысты, ӕмӕ адӕм алырдыгӕй сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой.
Йешуа хӕтаг сылгоймаг Рахавы ӕд бинонтӕ ӕмӕ хӕдзаронтӕ, йе ’ппӕт хӕстӕджытимӕ сӕрӕгасӕй ныууагъта, ӕмӕ сӕ мыггаг ныр дӕр ма цӕры израилӕгты ’хсӕн, уымӕн ӕмӕ Рахав уымӕй размӕ бамбӕхста, Йешуа Йерихонмӕ кӕй барвыста, уыцы сгарджыты.
Фӕлӕ уыцы бон Йешуа бардзырд радта, цӕмӕй гивонӕгтӕ суг сӕттой ӕмӕ дон хӕссой Израилы дзыллӕйӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нывондхӕссӕнӕн. Ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыстгӕнӕг сты, Дунедарӕг цы кувӕн бынат равзары, уым.