27 Хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ йӕ ӕппӕт дзыллӕйы ’хсӕн дыууӕ дихы акӕн.
Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, ӕмӕ мӕ ӕмбисондӕн хӕссынц.
Сахары кулдуармӕ адӕм мӕ фыдгой кӕнынц, рассыггӕнджытӕ мыл айуаны зарджытӕ сисынц.
«Сӕрӕй-сӕрмӕ банымай ӕфтиаг — адӕмӕй, фосӕй цы ратӕлӕт кодтам, уый — сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртимӕ.
уӕд сын загъта: «Стыр мулкимӕ здӕхут уӕ хӕдзӕрттӕм, тынг бирӕ фосимӕ, ӕвзистимӕ, сыгъзӕринимӕ, ӕрхуыимӕ ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ, дарӕсы фӕлыстытимӕ. Ӕмӕ уӕ фыдгултӕй цы бирӕ мулк байстат, уый уе ’фсымӕртимӕ байуарут».
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрдиаг кодтой ӕмӕ куыдтой, цалынмӕ сӕ хъару басаст, уӕдмӕ.