24 Уӕ уӕлӕдарӕс дӕр цӕхсут ӕвдӕм бон, ӕмӕ ссыгъдӕг уыдзыстут; уый фӕстӕ уын рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар ис».
Ахӕм цӕрӕгойы мард чидӕриддӕр йӕ къухмӕ сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн.
Ӕвдӕм бон та адасӕд йӕ сӕр, йӕ зачъетӕ ӕмӕ йе ’рфгуытӕ — йӕ хил иууылдӕр, ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхи цынайӕд, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн.
Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый йӕ низӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, стӕй-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд суадоны доны, ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг.
Сыгъдӕг адӕймаг чъизи адӕймагыл хъуамӕ уыцы донӕй бапырх кӕна ӕртыккаг, стӕй та ӕвдӕм бон ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕвдӕм бон ссыгъдӕг кӕна. Уый та йӕ дарӕс цӕхсӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ изӕрмӕ ссыгъдӕг уыдзӕн.
арты цы нӕ судзы, уыдон иууылдӕр арты ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ сӕ сыгъдӕггӕнӕн донӕй ӕрӕхсут; арты цы судзы, ӕппӕт уыдон та донӕй ссыгъдӕг кӕнын хъӕуы.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: