22 сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, къала ӕмӕ зды —
Циллӕ ныййардта Тувал-Каины. Уый сси куырд, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй алы дзаума аразӕг. Тувал-Каины хо — Наамӕ.
Зӕххӕй самал кӕнынц ӕфсӕн, ӕрзӕтӕй рауадзынц ӕрхуы.
Ӕмӕ Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хицӕуттӕ рӕсӕнуатӕй сӕ размӕ рацыдысты.
Ӕмӕ загъта сауджын Елеазар, хӕсты чи уыди, уыцы ӕфсӕддонтӕн: «Мӕнӕ уын, Дунедарӕг Моисейӕн цы ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый:
арты цы нӕ судзы, уыдон иууылдӕр арты ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ сӕ сыгъдӕггӕнӕн донӕй ӕрӕхсут; арты цы судзы, ӕппӕт уыдон та донӕй ссыгъдӕг кӕнын хъӕуы.
Сыкъауадындзтӕ ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккодтой. Сахары систӕ сӕ бындзарӕй афӕлдӕхтысты, ӕмӕ адӕм алырдыгӕй сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой.
Израилӕгтӕ сахарӕн ӕрмӕст йӕ фос ӕмӕ исбон бакодтой сӕхи, Йешуайӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.