Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 31:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Афтӕмӕй та, Балаамы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, уыдон израилӕгты бацардыдтой Дунедарӕджы ныхмӕ, цӕмӕй Йыл сӕхи атигъ кӕной ӕмӕ Пеоры ’рдӕм фӕуой; ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕйыл рын сыстад.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 31:16
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хъахбай сылгоймаг — арф сӕрсӕфӕн, искӕй ус — уынгӕг цъай.


Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн.


Ныр та мӕ бӕстӕм здӕхын. Хӕстӕгдӕр ӕрбацу, ӕмӕ дын зӕгъон, ацы адӕм сомбон дӕ адӕмӕн цы бакӕндзысты, уый».


уымӕн ӕмӕ уын знаггад кӕнынц. Пеормӕ дӕр уыдоны аххосӕй бабӕллыдыстут ӕмӕ, Пеоры фыдӕй рын куы сыстад, уӕд цы сылгоймаг фӕмард ис, мидианӕгты фӕтӕджы чызг Козби, уый дӕр со хо уыди».


Мӕрдты ӕхсӕн — мидианӕгты фондз паддзахы: Еви, Рекем, Цур, Хур ӕмӕ Рева; Беоры фырт Балаам дӕр кардылӕфтыд фӕци.


Уӕхи цӕстӕй федтат, Дунедарӕг Баал-Пеоры цытӕ бакодта, уый: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Баал-Пеоры фӕстӕ чидӕриддӕр адзӕгъӕл ис, уыдонӕн сӕ мыггаг сыскъуыдта.


Пеоры цы тӕригъӕд ракодтат, уый уын фаг нӕу? Абоны онг дӕр дзы куы нӕма ссыгъдӕг стӕм ӕмӕ Дунедарӕджы дзыллӕ уый тыххӕй куы баййӕфта ӕфхӕрд!


ныууагътой раст фӕндаг, фӕдзӕгъӕл сты ӕмӕ ацыдысты Восоры фырт Балаамы фӕндагыл — уый бабӕллыд тӕригъӕд хъуыддаджы фӕрцы пайда скӕнынмӕ.


Сар сӕ сӕр! Уыдон цӕуынц Каины фӕндагыл, сӕ зӕрдӕтӕ сарӕзтой мулкмӕ ӕмӕ фӕсайды сты Балаамау, змӕнтынц Корейау ӕмӕ сӕфынц.


Фӕлӕ дӕ уӕддӕр иу цасдӕр азымджыныл нымайын, уымӕн ӕмӕ сымахмӕ ис, Балаамы ахуырадыл хӕст чи у, ахӕмтӕ; Балаам та сахуыр кодта Балакы, ӕмӕ уый Израилы адӕмы сардыдта мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕ хӕрын ӕмӕ хӕлд митӕ кӕныныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ