Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 31:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕмӕ сын загъта Моисей: «Сылгоймӕгты се ’ппӕты дӕр удӕгасӕй ныууагътат?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 31:15
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы хъуыддаг ӕххӕст кӕнгӕйӕ, зӕрдиагӕй чи нӕ архайы ӕмӕ йӕ кард тугӕй чи нӕ ахоры, уый ӕлгъыст у!


Зӕронд лӕгӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй, сабийӕ, сылгоймагӕй — се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдут, ӕрмӕст, нысан кӕуыл ис, уыдонӕй макӕмӕ бавналут. Райдайут мӕ Кувӕндонӕй». Ӕмӕ райдыдтой адӕмы хистӕртӕй, Кувӕндоны раз чи лӕууыди, уыдонӕй.


Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм.


Йӕ сахартӕ йын иууылдӕр басастам, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодтам ӕмӕ дзы цӕрӕг нал ныууагътам; нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — иууылдӕр сӕ ныццагътам.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн, ӕмӕ дзы нӕлгоймагӕй чидӕриддӕр уа — кардылӕфтыд сӕ фӕкӕнут.


Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты, стӕй, фос ӕмӕ дзы исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та уӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕнут ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм цы знӕгты радта, уыдоны бынтыл ӕрбадут.


Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Израилӕгтӕ уыцы сахартӕн сӕ исбон ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр рассывтой, сӕ адӕмы та сын се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радтой.


Бӕстӕ чи басгӕрста, уыцы дыууӕ лӕгӕн Йешуа загъта: «Хӕтаг сылгоймаг Рахавы хӕдзармӕ фӕцӕут ӕмӕ, ард куыд бахордтат, афтӕ йӕ сахарӕй йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ ракӕнут».


Уыцы бон Гайы адӕмӕй — дыууадӕс мин цӕрӕгӕй — иу дӕр сӕрӕгасӕй нал баззад, иууылдӕр карды амӕттаг баисты нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй.


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ