13 Ӕмӕ Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ дзыллӕйы хицӕуттӕ рӕсӕнуатӕй сӕ размӕ рацыдысты.
Аврам Кедорлаомеры ӕмӕ уымӕн йе ’мцӕдисон паддзӕхты куы басаста ӕмӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхти, уӕд Шавейы дӕлвӕзы (ома Паддзахы дӕлвӕзы) йӕ размӕ рацыди Содомы паддзах.
Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа
Марды буарыл чи бандзӕва, уый авд боны дӕргъы уыдзӕни чъизи.
ӕмӕ сӕ — уацайрӕгты дӕр ӕмӕ, цы фӕфос кодтой, уыцы фӕллой ӕнӕхъӕнӕй, — Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕйы раз балӕууын кодтой рӕсӕнуаты, моаваг быдырты, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ.
Ӕмӕ смӕсты ис Моисей, хӕстӕй чи ӕрбацыди, уыцы ӕфсӕддон хицӕуттӕм, мины хицӕуттӕ ӕмӕ сӕдӕйы хицӕуттӕм.
«Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ рӕсӕнуатӕй арвитой, хъотыр кӕуыл ис, йӕ цъӕй кӕмӕн мизы, марды буарыл бандзӕвгӕйӕ чи фӕчъизи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
Сӕумӕрайсом араст ис Саулы агурӕг. Самуелӕн фехъусын кодтой, Саул Кармелмӕ бацыди, уым йӕхицӕн кады цыртдзӕвӕн ныссагъта, стӕй уырдыгӕй рацыди ӕмӕ Гилгалмӕ ныххӕццӕ ис, зӕгъгӕ.
Давид баввахс ис, йӕ фӕдыл цӕуынхъом чи нал уыд ӕмӕ Бесоры тӕрфы цур кӕй ныууагъта, уыцы дыууӕсӕдӕ лӕгмӕ. Уыдон Давид ӕмӕ йӕ адӕмы размӕ рауадысты, ӕмӕ сын Давид салам радта.