Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 31:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Се ’фтиаг ӕмӕ сӕ амӕттӕгтыл — адӕймагӕй, фосӕй — рахӕцыдысты

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 31:11
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕмӕй сын байстой се ’ппӕт исбон. Сӕ сабитӕ ӕмӕ сын сӕ устыты акодтой уацары, сӕ хӕдзӕртты ма цы баззади, уыдон дӕр сын рассывтой.


Кӕм цардысты, уыцы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ фидӕрттӕ арты хай бакодтой.


ӕмӕ сӕ — уацайрӕгты дӕр ӕмӕ, цы фӕфос кодтой, уыцы фӕллой ӕнӕхъӕнӕй, — Моисей, сауджын Елеазар ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕйы раз балӕууын кодтой рӕсӕнуаты, моаваг быдырты, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ.


Сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сабиты, стӕй, фос ӕмӕ дзы исбонӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон та уӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕнут ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухтӕм цы знӕгты радта, уыдоны бынтыл ӕрбадут.


Израилӕгтӕ уыцы сахартӕн сӕ исбон ӕмӕ сӕ фос иууылдӕр рассывтой, сӕ адӕмы та сын се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой. Аирвӕзыны фадат дзы иуӕн дӕр нӕ радтой.


Сыкъауадындзтӕ ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккодтой. Сахары систӕ сӕ бындзарӕй афӕлдӕхтысты, ӕмӕ адӕм алырдыгӕй сахармӕ бабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой.


Йерихонӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн цы ми бакодтай, Гайӕн ӕмӕ йӕ паддзахӕн дӕр уыцы ми бакӕн. Ӕрмӕст-иу ацы хатт уе ’фтиаг ӕд фос уӕхи фӕуӕд. Сахары чъылдыммӕ сӕ размӕ бабад».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ