Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 3:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Цатыры раззаг фарс та, Цатырӕй скӕсӕнӕрдӕм, Моисей ӕмӕ Ааронӕн йӕ фырттимӕ лӕугӕ у. Израилӕгтӕн се ’ппӕты бӕсты Уаз Цӕрӕны уыдон лӕггад кӕнынц. Уаз Цӕрӕнмӕ ӕндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 3:38
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕмӕй сӕ бӕрны уыди Фембӕлды Цатыры куыст ӕмӕ Кувӕндоны куыст; хъуамӕ се ’рвадӕлтӕн, Аароны байзӕддӕгтӕн, ӕххуыс кодтаиккой Дунедарӕджы хӕдзары.


Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы.


Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис».


Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн бахӕс кӕн сауджынлӕггад кӕнын; ӕндӕр исчи хӕстӕг ӕрбацыди, зӕгъгӕ, уӕд уый та амарын хъӕуы».


Гершоны мыггӕгтӕн Цатыры чъылдыммӕ лӕугӕ у, Цатырӕй ныгуылӕнӕрдӕм.


Кехаты байзӕддӕгтӕн Цатырӕй хуссарӕрдӕм лӕугӕ у.


Мерарийы байзӕддӕгты фӕтӕг — Цуриел, Авихаилы фырт; Цатырӕй цӕгатӕрдӕм лӕугӕ у уыдонӕн.


Кӕрты алыварс цы цӕджындзтӕ ис, уыдонӕн сӕ бындуртӕ, цурчытӕ, бӕндӕнтӕ дӕр уыдоны бӕрны сты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ