27 Семӕ — хуымилиаг ӕмӕ сӕн — уӕнгуытӕ, фырытӕ ӕмӕ уӕрыччытӕн сӕ нымӕцмӕ гӕсгӕ, ӕгъдау куыд домы, афтӕ.
Фӕндзӕм бон — фараст уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс нӕлгуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.
Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссут, хуымилиаг ӕмӕ сӕнимӕ, уымӕй уӕлдай.