16 Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд ӕд хуымилиаг ӕмӕ сӕн ӕрхӕссут, уымӕй уӕлдай.
Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой цӕу, Йосефы аив пӕлӕз райстой ӕмӕ йӕ тугӕй самӕстой.
Фыццаг уӕрыккимӕ-иу ӕрбахӕсс хуын — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, къухӕй лӕмӕрст оливӕйы соимӕ хӕццӕйӕ — гины цыппӕрӕймаг хай, стӕй гины цыппӕрӕймаг хай сӕн.
ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат цӕу.
Уый — сабаты иууылсудзинаг, ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сӕнӕй уӕлдай.
Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн.
Зӕгъ сын: Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрвылбон хъуамӕ кусарт кӕнат дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты.
иу дӕсӕймаг — цыппӕрдӕс уӕрыккӕй алкӕцыйӕн дӕр.