27 Ӕмӕ-иу ӕрхӕссут иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд нӕлгуисты.
Уӕ мӕйноджы бӕрӕгбӕтты та-иу Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн акусарт кӕнут дыууӕ ӕнӕсахъат уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты.
Дунедарӕгӕн ӕрхӕссут арты нывонд, иууылсудзинаг: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.
Хоры сӕрты бӕрӕгбоны, Дунедарӕгӕн ног хуымилиаг куы хӕссат Къуыриты бӕрӕгбоны, уӕд дӕр-иу уазӕмбырд скӕнут; мацы-иу бакусут.
Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаджы — алы уӕныгӕн, дыууӕ дӕсӕймаджы — фырӕн,
Мӕйноджы ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывӕндтӕй уӕлдай ма, сӕ хуымилиаг ӕмӕ, ӕгъдау кӕй домы, уыцы сӕнимӕ, ацы нывӕндтӕ дӕр хӕссын хъӕуы Дунедарӕгӕн. Уый у арты нывонд, ӕхцон хӕрздӕф Дунедарӕгӕн.