23 Ӕрвылбон кӕй хӕссут, сӕумӕрайсомы уыцы иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма-иу уыдон дӕр кӕнут.
Уый — сабаты иууылсудзинаг, ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сӕнӕй уӕлдай.
Афтӕ авд боны дӕргъы, алы бон дӕр, цӕттӕ кӕнут хойраг арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн; ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывондӕй уӕлдай ма ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн.
Зӕгъ сын: Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрвылбон хъуамӕ кусарт кӕнат дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты.