19 Дунедарӕгӕн ӕрхӕссут арты нывонд, иууылсудзинаг: дыууӕ уӕныджы, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.
Иууылсудзинагӕн цы хӕйттӕ нысангонд уыди, уыдон хицӕнгонд цыдысты, цӕмӕй адӕмы мыггӕгты алы къорды номӕй лӕвӕрд цӕуой сауджынтӕм ӕмӕ сӕ уыдон нывондхӕссӕныл судзой Дунедарӕджы кадӕн, Моисейы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ. Стуртӕн дӕр бакодтой афтӕ.
Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа.
Сахъат фос нывондӕн ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ барст нӕ уыдзӕн.
Семӕ — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй хуымилиаг: ефӕйы ӕртӕ цыппӕрӕймаджы — алы уӕныгимӕ, дыууӕ дӕсӕймаджы — фыримӕ,
Ӕрвылбоны иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ хуымилиагӕй уӕлдай ма хӕссын хъӕуы ацы нывӕндтӕ сӕнимӕ.
Иууылсудзинаг нывонд-иу ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн: иу уӕныг, иу фыр ӕмӕ авд фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.
Фос къуылых, куырм кӕнӕ ӕндӕр исты сахъат у, зӕгъгӕ, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ма ӕрхӕсс.
Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым.
фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.