Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 28:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕрвылбоны иууылсудзинагӕй уӕлдай ма Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссын хъӕуы цӕу, йемӕ та — сӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 28:15
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой цӕу, Йосефы аив пӕлӕз райстой ӕмӕ йӕ тугӕй самӕстой.


Уый фӕстӕ Аарон адӕмы тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй аргӕвдӕд цӕуы. Йӕ туг ын мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд ӕмӕ, галы тугӕй куыд бапырх кодта, афтӕ уымӕй дӕр бапырх кӕнӕд Фидыды Чырыны сӕр ӕмӕ йӕ разы зӕхх.


Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд, израилӕгтӕ сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтӕй цы Уаз Цӕрӕн фӕчъизи кодтой, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Афтӕ-иу бакӕнӕд Фембӕлды Цатырӕн дӕр — Израилы адӕмӕн сӕ астӕу чи ис ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уымӕн.


ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат цӕу.


Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ.


Семӕ та хъуамӕ уа сӕн: гины ӕрдӕг — уӕныгимӕ, гины ӕртыккаг хай — фыримӕ, гины цыппӕрӕм хай — уӕрыккимӕ. Уый — иууылсудзинаг нывонд афӕдзы алы мӕйноджы дӕр.


Ӕмӕ ма иу цӕу та — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл.


Зӕгъ сын: Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрвылбон хъуамӕ кусарт кӕнат дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты.


Иу цӕу та ма — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй.


Иу сӕгъ та — тӕригъӕды нывондӕн, ӕрвылбон цы иууылсудзинаг нывонд ӕд хуымилиаг ӕмӕ сӕн ӕрхӕссут, уымӕй уӕлдай.


Иу цӕу та ма — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ