5 Ӕмӕ сын Моисей сӕ хъуыддаг Дунедарӕджы раз бавдыста.
Уӕд Ын ӕз бамбарын кӕнин мӕ хъуыддаг ӕз мӕхи сраст кӕнин Йӕ разы!
Ӕз-иу дӕм раргом уыдзынӕн Фидыды Чырыны сӕрмӕ, дыууӕ херувимы астӕу, ӕмӕ дӕу уылты израилӕгтӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ хъусын кӕндзынӕн.
Ахӕстоны йӕ баппӕрстой, цы гӕнгӕ йын у, уымӕн уагӕвӕрд кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ.
Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».
Фырт ын кӕй нӕй, уый тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ фесӕфа нӕ фыды ном йӕ мыггагӕй? Хай нын скӕн нӕ фыды ’фсымӕрты ’хсӕн».
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн:
загътой: «Дунедарӕг бафӕдзӕхста нӕ хицауӕн, цӕмӕй хӕлттӕм гӕсгӕ байуара зӕхх израилӕгтӕн; нӕ хицауӕн Дунедарӕгӕй фӕдзӕхст у уый дӕр, цӕмӕй не ’фсымӕр Цалфахады хай уымӕн йӕ чызджытӕн ратта.
Моисей загъта: «Фӕлӕуут мӕм ам, ӕмӕ ӕз байхъусон, Дунедарӕг уын цы зӕгъдзӕн, уымӕ».
Чызджытӕ сауджын Елеазармӕ, Нуны фырт Йешуамӕ ӕмӕ адӕмы хицӕуттӕм бацыдысты ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста не ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ махӕн дӕр фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн зӕххытӕ раттын». Ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ фыды ӕфсымӕртау лӕвӕрд ӕрцыди зӕххытӕ.