Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 27:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Дӕ кадӕй йӕ скадджын кӕн, цӕмӕй йӕм израилӕгты дзыллӕ иууылдӕр хъусой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 27:20
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерихоны пехуымпартӕ уый куы федтой, уӕд загътой: «Илийайы монӕй схайджын ис Елисей». Йӕ размӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой.


Соломон йӕ фыд Давиды бӕсты паддзахӕй ӕрбадти Дунедарӕджы бадӕныл. Уыд ӕнтыстджын, ӕмӕ йӕм хъуыстой ӕппӕт Израилы адӕм дӕр.


Дунедарӕг Соломоны тынг скадджын кодта ӕппӕт Израилы цӕсты, радта йын, йӕ размӕ Израилы иунӕг паддзахмӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм цытджын паддзахад.


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


Ӕрлӕууын ӕй кӕн сауджын Елеазар ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, сбарджын ӕй кӕн сӕ разы.


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Дунедарӕджы Уд дыл ӕртыхсдзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын райдайдзынӕ, ӕндӕр адӕймаг суыдзынӕ.


Саул куыддӕр фӕзылди Самуелы цурӕй араст уӕвынмӕ, афтӕ йын Хуыцау йӕ зӕрдӕ фӕивта. Самуел цыдӕриддӕр загъта, уыдон ӕрцыдысты тӕккӕ уыцы бон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ