Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Нымӕцтӕ 26:62 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

62 Иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын ӕртӕ мины; уыдонӕн израилӕгты ’хсӕн хай лӕвӕрд кӕй не ’рцыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтимӕ нымад не ’рцыдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Нымӕцтӕ 26:62
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Левиттӕ нӕ бахаудтой сфыстмӕ.


«Левийы мыггаджы ма бахӕсс сфыстмӕ ӕмӕ сӕ иннӕ израилӕгтимӕ ма банымай.


Уый, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ кӕй банымадтой, уыдон.


Дунедарӕджы бардзырдмӕ гӕсгӕ Моисей ӕмӕ Аарон мыггаггай кӕй банымадтой, уыцы левиттӕ, иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕдӕппӕтӕй дыууын дыууӕ мины.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сын куыд дзурой, афтӕ кусдзысты ӕмӕ сӕ хӕссинаг хӕсдзысты Гершоны байзӕддӕгтӕ. Уыцы хӕссинаг сын сымах сӕ бар кӕнут, ӕмӕ уыдоны бӕрны ис.


уыдысты аст мин фондзсӕдӕ ӕстай.


Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндагӕн нӕ радта Моисей зӕххы хай: Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон сты сӕ исбон, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.


Фӕлӕ Левийы хӕдзарвӕндагӕн исбон нӕ радта: Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, уыди сӕ исбон, Йӕхӕдӕг сын куыд загъта, афтӕ.


Дыууӕ хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн Моисей йӕхӕдӕг фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радта Иорданы скӕсӕнварс, Левийы хӕдзарвӕндагӕн та уыдонимӕ исбон нӕ радта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ