12 Симеоны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Немуелӕй — Немуелы хӕдзарвӕндаг, Йаминӕй — Йамины хӕдзарвӕндаг, Йахинӕй — Йахины хӕдзарвӕндаг,
Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Саул — йӕ ханаанаг усы лӕппу.
Хурам дыууӕ цӕджындзы ныссагъта Кувӕндонмӕ бацӕуӕны цур, ӕмӕ рахиз цӕджындз схуыдта Йахин, галиу цӕджындз та — Боаз.
Симеоны фырттӕ: Немуел, Йамин, Йарив, Зерах, Саул.
Мӕнӕ Израилы хистӕр хӕдзарвӕндӕгты фыдӕлтӕ. Израилы хистӕр зӕнӕг Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми. Адонӕй рацыдысты Рувимы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ.
Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Саул — ханаанаг хӕрӕфырт. Адонӕй рацыдысты Симоны артӕй уӕрст мыггӕгтӕ.
Симеоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты.
Фӕлӕ Корахы фырттӕ нӕ бабын сты.
Зерахӕй — Зерахы хӕдзарвӕндаг, Саулӕй — Саулы хӕдзарвӕндаг.