7 Пинхас, Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы ’хсӕнӕй сыстад ӕмӕ арц райста.
Уӕд Елеазары фырт Пинхас уыди сӕ хицау. Дунедарӕг ӕй ӕрымысӕд!
Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —
Адӕм фыр цинӕй радысты, уылӕнтӕ кӕй ӕрсабыр сты, ууыл. Дунедарӕг та адӕмы бахӕццӕ кодта сӕ бӕллиццаг наулӕууӕнмӕ.
Левийы байзӕддӕгтӕ бакодтой, Моисей сын куыд загъта, афтӕ, ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагъды ис ӕртӕ мины бӕрц.
Аароны фырт Елеазар ракуырдта Путиелы чызджытӕй иуы, ӕмӕ йын уый ныййардта Пинхасы. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгты хистӕртӕ.
Мӕ фидыды йын Ӕз балӕвар кодтон цард ӕмӕ амонд, ӕмӕ йын дыууӕ дӕр радтон, цӕмӕй Мын кад кӕна, Мӕ номы раз Мын аргъуыц кӕна, уый тыххӕй.
Моисей сӕ хӕстмӕ арвыста, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр мин, сӕ разамонӕг — Пинхас, сауджын Елеазары фырт, йӕ къухы — уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ фӕдисы сыкъауадындзтӕ, афтӕмӕй.
Фӕлӕ уал израилӕгтӕ Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ арвыстой сауджын Елеазары фырт Пинхасы.
йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не ’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн».
Хуыцауы ӕрвыст фыдмон та тых кӕнын байдыдта Саулыл. Йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй Саул йӕ хӕдзары бадти, Давид та йын цагъта.